Арабы паддзах ростеваны хабар 4

АВТАВДИЛЫ ДЫККАГ БАЛЦ


Мæй зæрин хурæй фæиппæрд, уæд цыренцалх у, фидауы,

Хурмæ бахæстæг, — ныффæлурс, арвыл рухс тынтæ нæ тауы.

Фæлæ уардийæн æнæ хур уайтагъд йе 'мпылд сæр æрхауы,

Афтæ уарзонæй фæиппæрд уды судзгæ рис ысхъауы.
Ныр Автандилы хъуыддæгтæ дарддæр райдайон нымайын;

Уый, мæстæлгъæдæй дзыназгæ, дæлæ тыгъд быдыры уайы;

Тинатины цæсгом мысгæ, хурыл лæппуйы цæст зайы,

Æмæ уарзоныл хъынцъымæй уыцы судзгæ зынджы тайы.
Бамыр, бандзыг вæййы исдуг, дудгæ сагъæсы тыфылы.

Цыма лæппуйы цæстытæй Тигр гуылф-гуылфгæнгæ ивылы.

Хатт фæфæнд кæны фæстæмæ, цыма фæсмон æм ныхилы;

Бæх кæм лæгæрды, — нæ хаты, афтæ хъуыдыты ныгъуылы.
«Уæ, мæ удлæууæн, æнæ дæу ныр куыд бафæразон? — дзуры,

Зæрдæ хивæндæй фæстæмæ домы, раздæхын мæ куры;

Донласт ме 'рхæндæг цæстытæ ниугæ агурынц сæ хуры;

Уарзтæй чи лидза, — фæстагмæ уый йæ карз азар æрсуры!
Æз дæ фенынмæ мæ зæрдæ, цæй, цы 'хсызгон циныл дарон?

Райсон марæн кард мæ къухмæ — марон хи æмæ куыд марон?!

Уæуу, мæ мæтæй дæ мæ фæстæ судзгæ сагъæсы куы 'ппарон!

Нæ, цæссыгкалгæ, хуыздæр у — масты дудгæ фыд æвзарон!
Хурты хурзæрин, цырагъау, судзыс дун-дунейы тары;

Рæстæг барджынæй æнусты, уый, дæ сыгъзæрин фат бары;

Æрдзы уд-æмуд æмбаст тых ис дæ хъомысы, дæ бары;

Йе 'мбал бакæн мæ, — кæд искуы исчи уарзтамонд ыссары.
Ахуыр зондджынты нымадæй нæй тыхджын бардуаг зынг хурау;

Сис мын ме уæнгты рæхысбаст, — лæг хуыздæр ма дæ цы кура! —

Мæнæ лалагур фæцыдтæн æмæ фесæфтон цыкура,

А маст чи бабыхсдзæн? — зæрдæ хъуамæ 'фсæйнагæй уа, дур уа!»
Афтæ, 'рхæндæгæй дзыназгæ, бур мыдадз цырагъау, тади

Æмæ байрæджыйы тасæй, уадау, тыгъд быдыры уади.

Тар-иу ралæууыдис æхсæв, — худгæ стъалытæй-иу ради;

Каст сæм, уарзоны ныхæстæ семæ райдыдта-иу уадид.
«Мæй, Хуыцауы хатыр бакæ, — хъуысти лæппуйæн йæ лæгъстæ, —

Дарыс барджынæй де къухы уарзты сусæджы тæрæзтæ;

Мæй, дæ халдих у мæ уарзон, ратт мын фидары фæрæзтæ, —

Уыцы де 'нгæсы ма фенон искуы рухскалгæ мæ цæстæй!»
Бон йæ мæт уыдис, йæ сагъæс; цин ын талынг æхсæв хаста;

Искуы фурды был-иу рахызт, бæх-иу бæласыл æрбаста,

Æмæ тугхæццæ йæ цæссыг уылæн дард денджызмæ ласта.

Ног-иу абадтис йæ бæхыл, тахт-иу, цалынмæ нæ бастад.
Уади тыгъд быдырты, хæхты иунæгæй, йæ цæссыг калдта;

Хатт-иу сæгъ — хъæддаг — æртылдта, йе стонг физонæгæй мардта,

Æмæ стъалызæрдæ размæ ниугæ йе 'нкъард фæндаг дардта:

«Уæ, мæ малусæг, мæ уарди, циу æнæ сымах мæ цард та?»
Се ппæт чи фыссы — цы 'взæрста мастæй, сагъæсæй æнкъард риу?

Кæнæ райсомæй изæрмæ уый цы мысыди, куыд царди?

Туг йæ уадултыл æрттывта, — цыма митхъæпæныл уарди.

Уæртæ разынди фæстагмæ хъæды лæгæты сæр къардиу.
Хъæзæй бахызтис, Асмат æм ратахт, фырцинæй фæкуыддæр,

Æмæ уыцы уысм ысиу ис чызджы цинимæ йæ куыд дæр.

Лæппу 'ргæпп ласта, ныттыхст ыл, цыма хойы 'фцæджы 'фсымæр.

Лæг кæмæ бæлла, — йæ фендæй зæрдæ байрайы бæгуыдæр!
Лæппу бадзуры: «Нæ зыны хицау лæгæты къæсæрыл!»

Чызг æрхæндæгæй ныккуыдта: «Туг ныууарыди мæ сæрыл!»

Ниуы: «Д' ацыдæй фæстæмæ лæппу лæгæты нæ цæры,

Ацыд, нал хъуысы йæ кой дæр, æз ам иунæгæй лæзæрын».
Цыма спаспетæн йæ зæрдæ исчи барæхуыста кардæй;

«Уый та куыд, мæ хо? — Асматмæ дзуры тарæрфыг, æнкъардæй, —

Æз нæ басастон мæ сомы, мæнæ 'рыздæхтæн æм дардæй,

Уый мæм не 'рлæууыд, фæсайдта мæн æгъатырæй, мæнгардæй!
Æз мæ фæрныг цард æнæ уый кæд æрдумæ дæр нæ дардтон,

Уæд куыд тагъд ферох дæн уымæй? Ау, мæ уд ма та цы хъардтон!

Уый фæлывд разынд, æз, уыйау, дзырд æнæхъуаджы нæ радтон!

Уæвгæ, дис дæр ыл цы кæнын: ног та ме 'намонд ыссардтон!»
«Уымæй раст зæгъыс, — йæ ныхас лæппуйæн Асмат уромы, —

Фæлæ, байхъус-ма, — гæдыдзырд ме 'взаг не скæрддзæн мæ комы:

Лæг йæ зæрдæйæ, йæ удæй, хъуамæ 'ххæст кæна йæ сомы;

Уымæн мур зæрдæ куы нал ис, уæд æгъдау ма дзы цы домыс?
Зонд, æнкъарæн æмæ зæрдæ кусынц, архайынц æмбастæй:

Зæрдæ хистæр у, фæфæзмынц уый куырмæй æмæ цъынддзастæй;

Лæг — æнæзæрдæ — дзыназдзæн цардмæ хъодыгонд, ныфссастæй.

Ды нæма зоныс, цы федта уый зæрдæхалæн фыдмастæй.
Ам куы баззадаис йемæ, раст уæд уыдаид дæ уайдзæф; —

Уый фыдæвзарæн мæ дзырдтæй ныр дæ цæстытыл куыд уайдзæн!

Фестдзæн сау фæнык мæ комы ме 'взаг, бампылдзæн, ныууайдзæн,

Фæлæ уый зынтæй цы федта, — се 'ппæт никæддæр нымайдзæн.
Уый цы фыдтæ федта, уыдон, зæгъгæ, дуры хуылфы бакæн, —

Дур фæхаудзæни фæрчытæ, де знаг — йе 'гъдауæн, йæ уагæн!

Судзгæ сау цæссыг фæкалдта Тигры фурдуылæны фаг дæр.

Дардæй зонынджын, дæсны у исчи искæйы хъуыддагæн.
Иугæр «ацæуон» куы загъта, саргъ, йæ гæрзтæ йæм куы 'рхастон,

Зæгъын, де 'рдхорд дæм куы 'рцæуа, уæд цы ми бакæна? — фарстон.

Искуы 'ввахс ран, дам, мæ ссардзæн, цæй, мæ дзырд ма, дам, кæд састон?

Рох мæ нæу, зæгъгæ, мæ хæлар — ам лæудзынæн ын ныббастон.
Загъта: «'Нхъæлмæ йæм кæсдзынæн, хицаудæн, мæ хо, мæ дзырдæн.

Уадз, мæ цæстытæн ныллæууæнт ам мæ цæссыгты цыхцыртæ!

Мард уон — бавæрæд мæ, ам мæ хурмæ ма ныууадзæд сырдтæн,

Кæд сæрæгас уон, уæд та мын исты баххуыс кæнæд цырддæр».
Хур мын уыцы бонæй ардæм худгæ нал ыссыгъди хохыл.

Цæссыг атыдта йæ бæттæн, мастæн нал хæцын йæ рохыл.

Ниуын, иудадзыг мæ зæрдæ бафтыд «аххыл» æмæ «оххыл».

Басыгъд ме 'намонд сæр мæнæ, — баззад удхæссæгæй рохы!
Ис, дам, иу дурыл Китайы фыст æмбисонды ныхæстæ:

«Чи нæ агуры хæлæрттæ, — у йæ уды знаг æрмæстдæр».

Уарди иунæгæй ныффæлурс ам, хъæды халонау, мæстæй.

Уый куы 'рцагурис, — æнус дын рох нæ фæкæнид дæ хæрзтæ».
Автандил æм дзуры: «Раст дæ, уæгъды 'фхæрдтон æй, — куы сæттын,

Фæлæ, зоныс æй, йæ мæт мын рагæй удæнцой нæ дæтты.

Мæнæ донагур, цæф сагау, зилын, агурын æй хъæдты,

Зилын тыгъд быдырты, хæхты, фæлæ не 'мбæлын йæ фæдтыл.
Калы лалфæрдыг мæ фæдыл хъарм налхъуыт-налмас æртæхтæ,

Уый цæссыгдзастæй ныууагътон, — ардæм дард балцы куы здæхтæн,

Сагъæс, уды низ ныууагътон буц, Хуыцауы 'мсæр паддзæхтæн;

Балцы рахъуызгæ мæхимæ райстон се 'ппæты фыдæх дæр.
Номдзыд ме схæссæг, мæ хицау, — хайджын амондæй, æгъдауæй,

Царвау батади мæ сæрыл, буц рæвдыдта мæ рæдауæй,

Сайды баззади — зæрдæхæлд ныр мæ рацыды фыдцауæй.

Ууыл чи рацыд мæнгардæй, уый цы 'нхъæл ма уа Хуыцауæй?!
Уый, мæ хæлары тыххæй дæн ахæм танталы фыдзыны;

Уымæ удаистæй уадтæн æз мæ хъал æмæ мæ фыны.

Мæнæ 'рцыдтæн æм, æрмæст æй ам æнхъæлцау цæст нæ уыны

Æмæ сагъæс мын æгъатыр ног мæ фæллад уд æхсыны.
Цæй, фæдæн, мæ хо, мæ ныхас, — рæстæг нал амоны дарддæр;

Ивгъуыд тухитыл фæсмонæй ристæ никуы кодтой къаддæр.

Цон, ыссарин æй кæд искуы, науæд ницы у мæ цард дæр,

Науæд амондæн ысхуыстæй у йæ рæвдыд дæр, йæ рард дæр».
Аздæхт, афардæг ис ууыл, тар, æрхæндæгæй фæцæуы,

Ахызт донæй æмæ хъæзæй, араст дидиндзаст цъæх нæууыл.

Цыма басыд æмæ 'ргъæвстæй уарди дымгæйы ныккæуы:

«Уастæн, бастъæлай, мæ хъысмæт, кæд дæ фыдбылыз нæ фæуы!»
Дзуры: «Уæ Хуыцау, цæмæй дæн уый бæрц азымджын дæ разы?

Иппæрд — уарзæттæй мæ сыгъд сæр, иу — куырой ма йыл нæ разыдд,

Зæрдæ йе 'мбисыл фæдих ис æмæ цалы мæт фæразы!

Аскъуый, ме 'гъуыз цард, æмбойны, — уай цæйнæфæлтау тæразыл!
Ихдзагъд уарди мын мæ зæрдæ, фатау, атыдта йæ сындзæй:

Ме 'рдхорд басаста йæ сомы, ныр цы ныфс мæ уа — фæзындзæн?!

Уый куы нæ ссарон — æнус мæ маст зæрдæхалæн æхсындзæн.

Мæн æндæр хæлар нæ хъæуы, йе 'нгæс ничи дæр нæ уыдзæн.
Диссаг, лæг хæд-зонд, æмбаргæ, хатт куыд дзæгъæлы дзыназы!

Мастæй ницы ис — куы зоны, уæд цæмæн æвзары уа зын?

Бакæн уый бæсты дæ хъуыддаг — цин æртæха дæм зынгбазыр.

Цон, хуыздæр уыдзæн — ыссарон хур, рæхснаг хъæзау, кæм тасы».
Ацыд, агуры, йæ рустыл цæссыг хъарм къæвдатæй уары.

Хъуысы боныгон йæ сидын, хъуысы 'хсæвыгон мæйдары.

Лæппу 'ртæ боны куы зилид, — хъæдтæ, кæмттæ, хæхтæ сгары;

Никуы ничи зыны, ниугæ дарддæр йе 'нкъард фæндаг дары.
Дзуры: «Уæ, Хуыцау, цы дардтон ахæм а зæххыл уæззау хæс;

Тон æрхæндæгæй дæ бонтæ, царды рухс амондмæ ма 'ххæсс?!

Цæй, зынудисæн æгъгъæд у, ныр фæстаджы тæрхон рахæсс:

Даргъ мын мауал кæн мæ бонтæ, — цинæй раива мæ сагъæс!»

Рекомендуем ознакомится: http://mir.zavantag.com